MXStat
MXStat
Введите текст для поиска
Расширенный поиск каналов
  • Вход на сайт
  • Каталог
    Каталог каналов Региональные подборки Поиск каналов
    Добавить канал
  • Рейтинги
    Рейтинг каналов Рейтинг публикаций
    Рейтинги брендов и персон
  • Аналитика
  • Поиск по публикациям
  • Мониторинг Max
Редакция газеты "Жизнь Правобережья"

23 Sep, 12:00

Открыть в Max Поделиться

Бирæ æрыгон адæм цыдысты фронтмæ, хæстхъом дæр-иу нæма уыдысты афтæмæй. Цæлойты Никъалайæн дæр йе 'фсæддон хæс æххæст кæныны афон куы æрхæццæ, уæд æй 1941 азы Армимæ акодтой. Дыууæ мæйы баслужбæ кодта æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæст райдыдта. Йæ æфсæддон фæлыст ыл куыд фидауы, уый дзæбæх дæр нæма банкъардта, афтæмæй тохы быдыры балæууыд Райгуырæн бæстæ немыцаг фашисттæй бахъахъхъæнынмæ. Авгуысты 1941-æм азæй июны 1942-æм азмæ хæцыд 10-æм уæлдæфмæ цæстдарыны хи-цæн батальоны (ВНОС), уыд уагæвæрдмæ цæстдарæг (наблюдатель), 1942-æм азæй – 1943-æм мæ та архайдта 1080-æм зенитон-артиллерион полчъы, 1943-æй — 1946-æм азмæ та – 1337-æм зенитон-артиллерион полчъы уыд сармадзанты хайады командир.
1945-æм азы Уæлахиз æрыййæфта Германы. Йæ къухфыст ныууагъта Рейхстаджы къулыл. Цы хæстон фæндæгтыл фæцыд Никъала Украинæйæ Германмæ знаджы пырх кæнгæ æмæ йæ фæстæмæ йæ лæгæтмæ ссургæ, бирæ хъæутæ æмæ горæтты сæрты ахизгæйæ, йæ уыцы уæззау фæндæгтæн йе 'мбæлттимæ скодтой картæ. 1946-æм азы 15 майы СССР-ы Сæйраг Советы уынаффæмæ гæсгæ демобилизацигонд æрцыд æмæ сæхимæ Хуымæллæгмæ сыздæхт йæ риуыл йæ бирæ хæрзиуджытæ цæхæртæкалгæйæ. Йемæ схаста йæ кърандасæй нывгонд картæ дæр. Æфсæддон сержант, коммунист Цæлойты Никъала бавзæрста бирæ фæлтæрæнтæ, хъызт зымæджы уазалтæ, æххормаг, цæф дæр-иу фæци, фæлæ сын ирон лæппу никуы бакуымдта фæтасын. Сæ сæрты хизгæйæ размæ бырста, уæлахизыл сæмбæлынмæ тырныдта, афтæмæй.
Никъалайæн ма Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайдта йæ хистæр æфсымæр Додтан дæр. Уый уыцы заман Ленинграды цард æмæ йæ уырдыгæй акодтой. Фæлæ уымæн дæр Хуыцау баххуыс кодта, нæ басыгъд хæсты цæхæры, сыздæхт сæрæгасæй. Фæцард зæронды бонмæ. Ныгæд у Ленинграды.
Коммунист Цæлойты Никъала Темысойы фырт йæ фыды уæзæгыл куы сæмбæлд, уæддæр фæллад дæн, зæгъгæ, æнцад не 'рбадт. Хæсты фæстæ пырх хæдзарæдтæ сæ къахыл слæууын кæнын хъуыд æмæ фæстæмæ колхозмæ бацыд кусынмæ — хырхæйфадæнмæ, пенси райсыны онг уым фæфæллой кодта.
Цæлойы фырт уæлдæр куыд фæбæрæг кодтон, афтæмæй райгуырд æмæ схъомыл Хуымæллæджы зæхку- сæг бинонты æхсæн. Сæ ныййарджытæн уыдысты фондз сывæллоны. Йæ сабидуг уыд, уæды рæстæг æппæт сывæллæттæн куыд уæззау уыд, афтæ. Фæлæ 7 къласы каст фæцис зындзинæдтæ æвзаргæйæ дæр, кæд би-рæтæн ахуыр кæнын уыцы заман не 'нтыст, уæддæр.
Хæстæй куы æрыздæхт, уæд бакодта бинонты кой дæр. Йæ цард баиу кодта Цъæхилты Лизæйымæ. Æрыгон бинонтæ фылдæр кодтой, райгуырдысты Зарæ, Руслан æмæ Мæйырбег. Фæлæ, хъыгагæн, сæ мад æртыккаг сывæллоны фæстæ амард. Сæ фидæнæн цы фæндтæ снысан кодтой ныййарджытæ, уыдон сын нал бантыстысты саразын дæр. Адæм тæригъæдтæ кодтой Никъалайæн, йæ чысыл сабитимæ куыд уыдзæн, зæгъгæ, фæлæ сын Хуыцау баххуыс кодта. Амонд сæ фæцис сæ мады сын чи баивыта, уыцы сылгоймагæй.
Цæлыккаг Тменаты Катя йæ ныфс бахаста сидзæр æртæ сабимæ. Йæ уды хъармæй сæ рæвдыдта йæ бон куыд уыд, афтæ. Уæдмæ йæхицæн дæр райгуырдысты Зæлинæ æмæ Зауыр, фæлæ сæ никуы ни-цæмæй фæхъулон кодта. Зарæ, Руслан æмæ Мæирбег сæхи мад нæу Катя, уый хатгæ дæр нæ кодтой. Мад æмæ фыдæн сæ къух куыд амыдта, афтæ сæ хъомыл кодтой, куы байрæзыдысты, уæд сæ алкæмæн дæр раттой фадат сахуыр кæнынæн, кæй цавæр фæндагыл ацæуын фæндыд, уымæн дæр.
Абон хæствæллад Никъала, хæсты фæсчъылдымы архайæг Катя, дыууæйæ дæр фæллойы ветерантæ, æгас нал сты. Хæдзары цæры сæ кæстæр лæппу Зауыр йæ бинонтимæ. Зарæ цæры Дзæуджыхъæуы, Руслан — Калугæйы, Зæлинæ — Мæздæджы, сæ алкæмæн дæр ис бинонтæ, кæстæртæ. Хъыгагæн, Мæирбег æгæр æрыгонæй ацыд йæ рухс дунейæ.
Никъалайы æмæ Катяйы кæстæртæ цæрынц тынг æнгом, рæстæгæй-рæстæгмæ æрæмбырд вæййынц сæ фыды хæдзармæ. Мах сæм куы ныццыдыстæм, сæ сыхаг Къуымситы Эдуарды курдиатмæ гæсгæ, уæд дæр сын цины бон уыд, хотæ æмæ æфсымæртæ сæмбырд сты кæрæдзи фенынмæ, кæрæдзиуыл бацин кæнынмæ. Æфсымæртæй Руслан дард цæры æмæ сын йе ссыд стыр бæрæгбоны хуызæн вæййы. Мах дæр сæ баййæфтам кусартимæ архайгæ.

25
Каталог
Каталог каналов Подборки каналов Поиск каналов Добавить канал
Рейтинги
Рейтинг каналов Max
Контакты
Написать в Max Написать в Telegram Написать на почту
Всякая всячина
Пользовательское соглашение Политика конфиденциальности
Наши каналы
MXStat в Telegram MXStat в Max
Наши боты
MXAuthBot MXAnalyticsBot
Made by TGStat