Акодтой йæ, цæмæй Хуыцаумæ скувой, сæхи йыл бафæдзæхсой, батабу йæм кæной, цæмæй сæ амонд, сæ æнæниздзинад, сæ уарзондзинад тыхджындæр кæной, сæ кæстæртæ арфæйагæй цæрой, сæ рæстæг иумæ хъæлдзæгæй арвитой, æрæмысой сæ фæрнджын хистæрты дæр.
Зæлинæ йæ фыды тыххæй афтæ радзырдта:
— Йæ хæстон хабæрттыл никуы дзырдта, фæлæ-иу арæх телевизормæ каст хæстон кинотæм æмæ-иу йæ цæссыг калди. Æвæццæгæн-иу йæ хæстон фæндæгтæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты, райдыдтой йын Сталинградæй, ахызт Польшæйыл æмæ Берлины онг фæцыд... Мæ фыд кадджынæй фæцард Хуымæллæджы, агуырд лæг уыд сыхбæсты, хъæубæсты. Лæг-æфсинæй кæй хæдзары нæ балæггад кодта, ахæм нæ уыд, цины æгъдауы уа, зианы. Тынг хорз арæхст кусарт кæнынмæ, фынгыл цавæр хæйттæ æрæвæрын хъуыд, уыдæттæм, æмæ йæ алчидæр æгъдау раттынмæ агуырдта. Нæ сæртæ дзы бæрзонд хæссæм æцæг коммунистæй кæй фæ-цард нæ хæстон фыдæбонджын фыд, уымæй дæр.
Хæдзары æфсин Катяйы тыххæй та Къуымситы Эдуард, сæ сыхаг, хъæууонхæдзарадон наукæты кандидат афтæ радзырдта:
— Тменаты Катя, Никъалайы дыккаг бинойнаг, фæцарди 83 азы. Уыд уæздан сылгоймаг, къæбæрдæттон. Бæрæгбоны сыхы лæгтæ фыццаг Цæлойтæм цыдысты. Æппæты разæй-иу ацæттæ кодта Катя сæ кувинæгтæ. Хъæубæстæ йæ бирæ уарзтой, рæвдауæндоны куыста æмæ йæ къухты бирæ сы-вæллæттæ схъомыл сты. Куы слæгтæ, куы счызджытæ-иу сты, уæд ын аргъ кодтой. Зауыр дæр йæ ныййарджыты хорз миниуджытæ райста æмæ йæ алчидæр бацагуры, цæмæй йын йæ хæдзары хорз æгъдау ратта. Алкæйы уæлхъус дæр æнæзивæг балæууы. Ис ын хорз кæстæртæ. Йæ цардæмбал Анжелæйымæ схастой чызг æмæ лæппу. Аленæ сахуыр кодта юристы дæсниадыл, Хетæг у Дзæуджыхъæуы аграрон университеты автомобилон факультеты студент.
Зарæ, Руслан, Зæлинæ æмæ Зауыр дыууæ мады цот сты, уый зонгæ дæр ничи кæны, ахæм æнгом сты кæрæдзийымæ. Руслан Калугæйы цæры, ныр ссыди æмæ йын Зауыр фыр буцæн кусарт акодта. Дард кæй цæры, уымæ гæсгæ ам бынтон арæх нæ вæййы æмæ иумæ фæбадæм, кæрæдзиуыл фæцин кæнæм, зæгъгæ. Сæхицæй æппæлын нæ уарзынц, фæлæ хотæ æмæ æфсымæртæ кæрæдзиуыл тынг æнувыд сты, бирæтæ афтæ нæ цæ-рынц æмæ адон уый аккаг сты.
— Русланы лæппу Станислав цалдæр азы размæ бинонты хъуыддаг кодта æмæ йын чындзæхсæв скодтой Хуымæллæджы. Афтæ бафæндыд хотæ æмæ æфсымæрты. Уый дæр бирæтыл дзурæг у сæ хæлардзинадæн, — зæгъта Эдуард.
Цæлойты кæстæртæ стыр аргъ кæнынц сæ хæдзарвæндаджы хистæртæн. Уыдоны фарнæй сты абон фæрндджын, царды хорз миниуджытыл сæ кæй сахуыр кодтой, уымæй та бузныг. Никъала æмæ Катя кæд æгас нал сты, уæддæр сæ нæ рох кæнынц. Никъала хæсты рæстæг æмæ уый фæстæ сабыр царды дæр йæ хъазуатон фæллойы тыххæй цы хæрзиуджытæ райста, уыдон зынаргъ дзаумæтты хуызæн дарынц æфснайдæй. Йæ дзæбæх фæ- донтæ йын 9-æм Майы йæ портрет рахæссынц «Æнæмæлгæ полкъ»-ы бæрæгбоны цыдмæ. Афтæ сæ мад Катяйæн дæр, куыд хæсты фæсчъылдымы архайæгæн, цы майдæнтæ, кады гæххæттытæ лæвæрд æрцыд, уыдонимæ нæ бæстæйы Президенты арфæйы писмотæ сты æфснайд.
Уæ намысджын хистæрты фарн, кад æмæ радимæ дарддæр дæр хæссут рæсугъдæй, Цæлойты бинонтæ!
КЪАМТЫ: (лæууынц галиуæрдыгæй рахизæрдæм) Хетæг, Зæлинæ, Зауыр æмæ Руслан. Зæронд къамты —Никъала æмæ Катя.