Нӕ зынаргъ Ӕрыдоны районы цӕрджытӕ!
Ӕрхӕццӕ нӕм ис Джеоргуыбайы кадджын бӕрӕгбон, ӕмӕ уӕ йӕ хорзӕх уӕд!
Уастырджимӕ кувӕн къуыри у нӕ сӕйрагдӕр ӕмӕ уарзондӕр бӕрӕгбӕттӕй иу. Джеоргуыба кӕрӕдзиуыл ӕнгом бӕтты нӕ районы ӕмӕ республикӕйы цӕрӕг адӕмы хӕттытӕ, фидардӕр кӕны нӕ иудзинад ӕмӕ хӕлардзинад.
Къуырийы дӕргъы ӕппӕт Ирыстоны цӕрджытӕ ӕмӕ зӕххы къорийы ирон адӕм кувдзысты ирон бӕгӕныйӕ ӕртыгай чъиритӕ. Хуыцау ӕмӕ Уастырджийыл фӕдзӕхсдзысты сӕ бинонты, сӕ кӕстӕрты, курдзысты фарн ӕмӕ амонд, бӕркад, ӕнӕниздзинад ӕмӕ сабырдзинад.
Зынаргъ хӕлӕрттӕ!
Зӕрдиагӕй арфӕ кӕнӕм, цӕмӕй Уастырджимӕ кувӕн къуыри Ирӕн ӕмӕ Уӕрӕсӕйӕн ӕрхӕсса сабырдзинад!
Бӕлццӕтты ӕмӕ ӕфсӕддонты бардуаг - Уастырджи - ӕххуысгӕнӕг уӕд нӕ хъайтар фӕсивӕдӕн, цӕмӕй сӕ къонатӕм уӕлахизимӕ здӕхой!
Азӕй-азмӕ нӕ бӕрӕгбоныл зӕрдӕрухс ӕмӕ амондимӕ куыд ӕмбӕлӕм, фыдбылызӕй хызт куыд уӕм, ахӕм арфӕ нӕ уӕд!
Хуыцау ӕмӕ Уастырджи уын ахъазгӕнӕг уӕнт уӕ царды ӕмӕ уӕ хъуыддӕгты! Арфагонд ут ӕмӕ уӕ бӕрӕгбоны хорзӕх уӕд!
Ӕрыдоны районы сӕргълӕууӕг Илаты Марат,
Ӕрыдоны районы администрацийы сӕргълӕууӕг Баситы Владислав.