📅ОСЕТИНСКИЙ КАЛЕНДАРЬ. ИРОН БÆРÆГБÆТТÆ
⚜Галæргæвдæн хуыцаубон (Джеоргуыбайы мæй, 22 бон)
⚜ Уастырджимæ куывтой хоры æмæ фосы сæртæй. Хастой йæ бонтæм сæрмагонд нывæндтæ: нæл сæгътæ, нæл фыстæ, галтæ. Галнывæндты æргæвстой бæрæгбоны размæ хуыцаубоны, æмæ йæ хуыдтой Галæргæвдæн хуыцаубон. Æргæвстой галтæ фæсаходæн хуыцаубоны, цыдысты сæ физонджытимæ хæстæгдæр дзуæртты бынтæм, стæй бадтысты нæлгоймæгтæ галгуывдты сыхгай.
⚜Кæй зæгъын æй хъæуы, галтæ æргæвдыны фадат алкæмæн нæ уыди, æргæвстой бонджындæртæ, лæгджындæртæ. Кусарты раззаг хуылфыдзауматæй — зæрдæйæ, игæрæй, рæуæгæй арæзтой физонæг, фыхтой йæ цæхæрмæ даргæйæ æмæ йæ хастой æртæ æртыдзыхонимæ дзуары бынмæ.
⚜Кувинаджы бæркадимæ хастой карз нозтæй гæзæмæ æмæ мысайнæгтæ. Дзуары бынмæ куывды цыдысты нæлгоймæгтæ, семæ кодтой цумахъом лæппуты дæр. Кæд уаргæ нæ кодтаид, уæд кувыны уаг хаста дæргъвæтиндæр, науæд цыбыр сидтыты фæстæ здæхтысты хæдзæрттæм.